Сывæллæтты хъахъхъæныны бон Мæскуыйы ссардтой Беслæны теракты амæттæгты рухс нæмттæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

5 лет назад

Сывæллæтты хъахъхъæныны бон Мæскуыйы æрымысыдысты Беслæны теракты амæттæгты. Мæскуйы Сыгъдæг Мадымайрæмы райгуырды аргъуаны Алайнаг кæртмæ æрвылаз æрбацæуынц адæм сæдæгæйттæй. Мадзалы архайдтой Цæгат Ирыстоны æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы Президенты цур – Дзанайты Барис, Федерацийы Советы Цæгат Ирыстоны минæвар Фадзайты Арсен, Хуссар Ирыстоны минæварады уæнгтæ, Ирыстоны æхсæнады минæвæрттæ æмæ студенттæ. Мадымайрæмы райгуырды аргъуаны Алайнаг кæрты арæзт æрцыд номарæн аргъуыд. Уый фæстæ теракты амæттæгты номыл цыртдзæвæныл æрбацæуæг адæм сæвæрдтой дидинджытæ. Дзанайты Барис, раздæрау, загъта йæ хъуыды, ома, цæмæй ахæм æвирхъау фыдбылыз мауал æрцæуа, уый тыххæй æвæллайгæйæ кусын кæй хъæуы, уый. Сывæллæтты рæсугъд фидæн æмæ сабыр цард аразгæ у махæй – фæнысан кодта æххæстбарджын минæвар. Беслæны 1-æм скъолайы амæттæгты ном ссардтой Мæскуыйы облæсты «Мураново» музей-хæдзары дæр. Хъазаны Мады Майрæмы нывæфтыды раз ис сыгъдæг донгуырæн. Йæ фарсмæ та, 2004 азы трагедийы чи фæмард æмæ ма дунейы тыхми кæмæн сарæзтой, уыдоны номыл парк. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Сывæллæтты хъахъхъæныны бон Мæскуыйы ссардтой Беслæны теракты амæттæгты рухс нæмттæ

Категория:

Новости и СМИ