Коронавирусæй рынчынтыл суткæмæ бафтыд 70 адæймаджы
Коронавирусæй рынчынтыл Цæгат Ирыстоны бафтыд 70 адæймаджы. Æдæппæтæй сæ нымæц у 8 175. Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, республикæйы дзæбæхгæнæндæтты ис 1 303 адæймаджы. Уыдонæй Тагъд Æххуысы Клиникон Рынчындоны 611, COVID-мæ 112-æй, реанимацийы 57 адæймаджы, аппаратты фæрцы улæфынц 12-æй. Республикон Клиникон Рынчындоны ныртæккæ ис 626 адæймаджы. Коронавирус дзы ис 91-мæ. Реанимацийы хайады 58 рынчыны. Аппараты фæрцы улæфынц 23-æй. Сывæллæтты Республикон Клиникон рынчындоны та 31 сывæллоны æмæ 14 хистæр кары адæймаджы. 27 сывæллоны æмæ 13 хистæрмæ рабæрæг кодтой коронавирус. Рахизфарсы районы дзæбæхгæнæндоны ис 21 адæймаджы. Тæссаг низ дзы рабæрæг 14-мæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Коронавирусæй рынчынтыл суткæмæ бафтыд 70 адæймаджы
Категория:
Новости и СМИ