Сабырдзинады проспекты куыстыты уавæр сбæрæг кодтой Дзæуджыхъæуы администрацийы разамынд
Сабырдзинады проспекты куыстытæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый бабæрæг кодтой Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Коцойты Алан æмæ арæзтады управленийы разамонæджы хæдивæг Беслехъоты Зауырбег. Горькийы номыл уынгæй Куйбышевы уынджы онг фæндаг кæм ивынц, уым куыстытæ цæуынц сæрмагонд технологитæ æххæстгæнгæйæ. Плитаты ныффидарæн хъæуы рæстæг. Уый тыххæй уыцы бынæтты хъæугæ æмгъуыдмæ куыстытæ урæд æрцæуынц. Беслехъоты Зауырбег куыд фæнысан кодта, афтæмæй сæ хæрзхъæддзинад хъуамæ дызæрдыггаг ма уа. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, горæты сæйраг уынджы рацарæзты дыккаг къæпхæн фæуыдзæн ацы аз ноябры. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Сабырдзинады проспекты куыстыты уавæр сбæрæг кодтой Дзæуджыхъæуы администрацийы разамынд
Категория:
Новости и СМИ