Транскам байгом кодтой æххæстæй
Райдайдзыстæм фæстаг минутты хабарæй. Чысыл раздæр Æнæнхъæлæджы цауты регионалон разамынды пресс-службæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй Транскам байгом кодтой æххæстæй. Раздæр ыл Буронæй Цæгатаг порталмæ уадздзаг сæхгæнын бахъуыд, дурызгъæлдтытæ дзы кæй æрцыд, уый аххосæй. Ныр æй сæрмагонд службæтæ асыгъдæг кодтой. Фæлæ зæрдыл дарын хъæуы уæддæр, Транскам бынтон æдас кæй нæма у. Уымæ гæсгæ ирвæзынгæнджытæ сидынц адæммæ, цæмæй æнæхъуаджы фæндагыл ма цæуой. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Транскам байгом кодтой æххæстæй
Категория:
Новости и СМИ