Дзæуджыхъæуы аразынц, зæххæнкъуыстæн чи бафæраздзæн, ахæм хæдзар
Тельманы номыл цæрджытæ йæ хорз хъуыды кæнынц цы уавæрты цардысты, уый. Бырон æмæ чъизийæ ахизæн нæ уыд. Фæлæ ныр хъуыддаг хуыздæры 'рдæм фæивта. Зæронд кæлæтдзаг бæстыхайы бæсты ног фондзуæладзыгон хæдзар. Тельмæны номыл уынджы хæдзары уавæрæй-иу адæймаджы зæрдæ ныккæрзыдта. Ацы бынатмæ хӕстæг чи цæры, уыдон æй хорз хъуыды кæнынц, быронæй дзаг, чъизи, кæм цы æнæ бакæнæг уыд, ахӕмтӕ иуылдæр æмбырд кодтой ацы бæстыхаймæ. Фæлæ абон хъуыддаг хуыздæры 'рдæм фæивта. Зæронд æмæ кæлæтдзаг бæстыхайы бæсты ног фондзуæладзыгон хæдзар. Ацы хæдзары æрцæрдзысты, заууат цæрбынæтты чи цард, уыдоны. Ныртæккæ куыстытæ сæ тæмæны бацыдысты. Аразджытæ ивынц бæстыхайы сæр, рухсдæттæн системæ, æххæст кæнынц мидæггаг куыстытæ. Хæдзар аразынц сæрмагонд федералон программæйы фæлгæты. Бирæуæладзыгон хæдзар зæххæнкъуыстæн дæр бафæраздзæн. Хæдзары ис 50 фатеры. Цæрджытæ бӕгънӕг къултæм нæ бахиздзысты. Бацæрыны размæ цæрæнбынæттæ сцалцæг кæндзысты. Уыимæ ма фатертæ сифтонг кæндзысты хъæугæ кусæнгæрзтæй. Уæдæ хæдзары бын цæрджытæн рахай кæндзысты уæрмытæ. Хæдзары ис æртæ подъезды. Сты алыхуызон. Иуы æрмæст дыууæуатон фатертæ, иннæйы æртæуатонтæ æмæ дыууæуатонтæ. Иууатон фатеры ис 38 квадратон метры, проектмæ гæсгæ дзы уыдзæн аив рудзгуытæ дæр. Ацы хæдзар аразын райдыдтой ивгъуыд азы февралы кæрон. Арæзтад фæкъуылымпы ис пандемимæйы рæстæг. Сæрмагонд гæххæттытæм гæсгæ хæдзар ратдзысты ацы аз октябры. Кæд аразджытæ къуылымпыдзинæдтæ ӕййафынц, уæддæр зӕрдӕ æвæрынц афонæй раздæр кæй фæуыдзæн арæзтад, уымæй. Уазиты Зæлинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы аразынц, зæххæнкъуыстæн чи бафæраздзæн, ахæм хæдзар
Категория:
Новости и СМИ