Бæласы бын цы 9 аздзыд сывæллон фæци, уымæн йæ уавæр нырма у уæззау
Æнæнздзинад хъахъæныны министр Годжыцаты Тамерланæн абон уыд фембæлд журналисттимæ. Дзуапп радта ахсджиаг фарстатæн. Сæ иу баст уыд æрæджы Дзæуджыхъæуы цы æвирхъау цау рæцыд, уыимæ. Бæласы бын цы 9-аздзыд сывæллон фæци, уымæн йæ уавæр нырма у уæззау. Ныфс ис кæй фæхуыздæр уыдзæн уымæй. Лæппу йæхæдæг улæфын райдыдта, иууылдæр рефлекстæ кусынц. Æппæт хъæугæ æххуыс ын ракæндзысты, фæнысан кодта Годжыцаты Тамерлан. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм Дзæуджыхъæуы 2-æм июны, горæты уынгтæй иуы бæлас афæлдæхт æмæ сывæллон йæ быны фæци. Ныртæккæ ис Сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Бæласы бын цы 9 аздзыд сывæллон фæци, уымæн йæ уавæр нырма у уæззау
Категория:
Новости и СМИ