Цæгат Ирыстоны 2024 азмæ хъуамæ иуварсгонд æрцæуой æнæзакъонæй арæзт бырондæттæ
Цæгат Ирыстоны 2024 азмæ национ проект «Экология» фæлгæты хъуамæ иуварсгонд æрцæуой æнæзакъонæй арæзт бырондæттæ. Сæ фылдæр сты Дзæуджыхъæуы, Æрыдоны, Алагиры. Уымæй уæлдай ма сты Хæзныдоны æмæ Октябрьскæйы хъæуты дæр. Æмткæй райсгæйæ сты 6. Бырондæттæй сæ иу у нæ горæты хауæццæгты полигон. Ацы объектты фæдыл хъуамæ бацæттæ кæной сæрмагонд гæххæттытæ. Уый фæстæ та уыцы гæххæтыттæ ацæудзысты паддзахадон эспертизæ. Зæгъæм, нæ горæты хауæццæгты полигон хъуамæ сыгъдæггонд æрцæуа ацы азы кæронмæ. Иннæ бырондæттæ фесафынæн та хъæуынц æхцайы фæрæзтæ 31,338 милуанмæ 'ввахс. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны 2024 азмæ хъуамæ иуварсгонд æрцæуой æнæзакъонæй арæзт бырондæттæ
Категория:
Новости и СМИ