Дзæуджыхъæ уы 10 къофи-хæдтулгæйы æндæр бынатмæ ахастой
Къофи чи уарзы, уыдон цалдæр боны дæргъы сæ хъус дарынц зæрдæмæдзæугæ цыминагимæ баст хабæрттæм. Иуæй-иу къофи-хæдтулгæтæ æндæр ранмæ ахастой, иннæты куыст та бынтондæр баурæдтой. Фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй сæ фылдæр хъыгдарынц фæндаджы уагæвæрд. Амалиуæггæнджытимæ фембæлд Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы. Эспрессо, американо, раф. Дзæуджыхъæуы уынгтыл бынæттон цæрджытæ æмæ республикæйы уазджытæн сæ бон у равзарын алы хуызы къофи дæр. Хæрздæф цыминаг чи райсомæй айсы йемæ куыстмæ цæугæйæ, чи та къофи-хæдтулгæйы рæзты изæрыгон ракæны йæ фæндаг. Адæмæн ис уарзон бынæттæ дæр – къофи дзы хæрзаддæр вæййы, зæгъгæ. Фæлæ, зæгъæм, Горькийы уынгыл ныртæккæ уыцы гæнæнтæ нæй. Къофи-хæдтулгæ айстой. Растдæр зæгъгæйæ та, йæ æндæр бынатмæ ахастой æмæ æрбынат кодта Сæйраг паркмæ хæстæгдæр. Йæ раздæры бынат хæдтулгæтæ лæууыны фæтк хæлдта. Уый, прокуратурæйы амынддзинадмæ гæсгæ, сбæрæг кодтой паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ. Иуæй-иу къофи-хæдтулгæтæн суанг сæ куыст дæр баурæдтой. Афтæ Коцойы-фырты номыл уынджы, фысымуат «Владикавказ»-ы цур дæр. Æдæппæтæй сæ бынæттæй айстой 10 къофи-хæдтулгæйы. 5 дзы сæ куыст æндæр бынатмæ ахастой. Уыцы ивддзинæдтæ Дзæуджыхæуы цæрджытæ уайтагъд бафиппайдтой. Амалиуæггæнджыты бартæ хъахъхъæнæг Медойты Тимур куыд фæнысан кодта, афтæмæй ацы хъуыддаг у рæстæгмæ. Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав фембæлд къофи-хæдтулгæты хицæуттимæ æмæ ныхас кодтой ахæм хуызы амалхъомадæн æдас бынæттæ ссарыныл. Фæлæ ног бынæттæ алкæй зæрдæмæ нæ цæуынц. Дзæуджыхъæуы администрацийы фарстайыл кусынц. Куыд зæгъынц, афтæмæй амалиуæггæнджытæн, æнæмæнг, баххуыс кæнындзысты. Дзæуджыхъæуы администраци зæрдæ бавæрдта, амалхъомтæй алкæмæдæр байхъусыны фæстæ кæй æрцæудзысты иумæйаг хъуыдымæ. Уæд сæ бон суыдзæн сæ куыст дарддæр æххæст кæнын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv