Уæллаг Быз æмæ Уæллаг Мызуры скуынæг кодтой хъæддаг гæны къудзитæ
Профилактикон мадзал «Мак-2020»-ы фæлгæты пъæлицæйы кусджытæ Уæллаг Быз æмæ Уæллаг Мызуры скуынæг кодтой хъæддаг гæны къудзитæ. Æдæппæтæй æркарстой æмæ басыгътой мингай зайæгойтæ. Мадзалы сæйраг нысан - наркотикхæццæ зайæгойтæ фесафын æмæ сæ иннæ рæттæм ласын ма уадзын. Рейды архайдтой Цæгат Ирыстоны наркотиктæ зилдух кæныны ныхмæ управленийы кусджытæ, арæнхъахъхъæнджытæ æмæ Дзæуджыхъæуы администрацийы уæнгтæ. Ахæм мадзæлттæ араздзысты бæрæг æмгъуыдмæ. Пъæлицæйы кусджытæ адæммæ сидынц, цæмæй, гæн кæм зайы кæнæ йæ барæй кæм ныссадзынц, ахæм бынæтты тыххæй хъусын кæной пъæлицæмæ. Уымæй уæлдай ма, административон æмæ уголовон æгъдауæй æфхæрдзысты, цæрджытæй йæ зæххытыл ахæм зайæгой чи нæ куынæг кæна, уыдоны. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Уæллаг Быз æмæ Уæллаг Мызуры скуынæг кодтой хъæддаг гæны къудзитæ
Категория:
Новости и СМИ