Дзуарыхъæуы æмæ Ногхъæуы бындуронæй цалцæг кæнынц социалон объекттæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

6 лет назад

Аивады бæрзæндтæм схизынæн фылдæр фадæттæ фæзынд Дзуарыхъæуы æмæ Ногхъæуы сывæллæттæн. Ам бындуронæй цалцæггонд цæуынц культурæйы хæдзæрттæ. Æдæппæтæй национ проект «Культурæ»-йы фæлгæты Алагиры районы базилдзысты 4 бæстыхаймæ. Ныридæгæн куыстытæн сæ фылдæр хай у конд. Баззад ма аивгæнæн мадзæлтæ баххæст кæнын. Ныридæгæн сæ къухы цы бафтыд саразын, уый федта не сфæлдыстадон къорд дæр. Цар калд, рудзгуытæ саст. Дзуарыхъæуы культурæйы хæдзар æрæджы дæр ма уыд ныккæлынæввонг. Сарæзтой йæ 1970-æм азты, фæлæ 1990 азты хæлын райдыдта. 2002 азы йæ сцалцæг кодтой, фæлæ нæ фæрæстмæ. Фæрниаты Маринæ бирæ азты дæргъы кæны хъомыладон куыст, аразы æппæт фадаттæ дæр, цæмæй сывæллæттæ аивадон куыст кæной. Культурæйы хæдзары уавæрыл йæ зæрдæ рагæй рысти. 2018 азы Дзуарыхъæуы цæрджытæн уыд фембæлд нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславимæ. Уæд культурæйы хæдзары уавæрыл дæр æрныхас кодтой. Объекты гæххæттытæ арвыстой Мæскуымæ. Ныр ацы аз мартъийы бæстыхай бындуронæй цалцæг кæнын райдыдтой. Аразджыты ныхæстæм гæсгæ, куыстытæ ныртæккæ сæ тæмæны сты. Куыдзиаты Арсен куыд зæгъы, афтæмæй культурæйы хæдзар хъуамæ цыбыр рæстæгмæ кæронмæ цалцæггонд æрцæуа. Районты культурæйы хæдзæрттæ цалцæг кæнынц национ проект «Культурæ»-йы фæлгæты. Ногхъæуы культурæйы галуаны дæр ныридæгæн фесты куыстытæн сæ фылдæр хай. Ам дæр раивтой цар, дуæрттæ, æрбауагътой ног рухсдæттæн телтæ. Бандæттæ, скъæппытæ æмæ æндæр хъæугæ дзаумæттæ. Хъæуы ма хъармгæнæн системæ скæнын. Æдæппæтæй Алагиры районы базилдзысты 4 культурæйы хæдзармæ - Уæллаг Фыййагдоны, Мызуры, Дзуарыхъæуы æмæ Ногхъæуы. Цæрджытæ зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсынц, бæстыхæйттæ кæд байгом уыдзысты, уымæ. Дзæдзойты Фатимæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Дзуарыхъæуы æмæ Ногхъæуы бындуронæй цалцæг кæнынц социалон объекттæ

Категория:

Новости и СМИ