Сергей Меняйло дзуаппдæттæг министрадтæ æрдзырдта æхсæнадон бынæттæ аив кæныны фарстатыл

2 тыс. подписчиков

12+
12+

10 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

10 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

10 просмотров

5 лет назад

2022-æм азы Цæгат Ирытоны базилдзысты 42 æхсæнадон бынат æмæ 57 хæдзары кæртмæ. Уый куыд Дзæуджыхъæуы, афтæ районты дæр. Куыстытæ цæудзысты горæты æнцонвадат цардархайды национ æмæ регионалон проектты фæлгæты. Фидæнмæ нысæнттыл регионы разамонæг Сергей Меняйло æрдзырдта профилон министрадтæ æмæ ведомствæты минæвæрттимæ. Республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майран куыд фæнысан кодта, афтæмæй ивгъуыд æртæ азы дæргъы Цæгат Ирыстоны зылд æрцыд 102 улæфæн бынат æмæ 307 хæдзары кæртмæ. Сергей Меняйло æххæстгæнæн оргæнтæ æмæ муниципалон скондты разамындæн бабар кодта аивгæнæн куыстытæн хъæугæ фæрæзтæ афойнадыл самал кæнын. 2024-æм азы онг Цæгат Ирыстоны хъæуы базилын 123 æхсæнадон бынат æмæ 106 кæртмæ. Сæрмагонд федералон проект Уæрæсейы расидтысты 2017-æм азы. Йæ сæйраг хæс у — муниципалитетты райрæзтыл бакусын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv