Уæллаг фыййагдоны культурæйы хæдзары сывæллæттæ архайынц аивадон къордты
Классикон музыкæйæ райдай æмæ национ зæлтæй фæуы. Фыййагдоны культурæйы хæдзары алы сывæллон дæр ссардзæн зæрдæмæдзæугæ куыст. Сæхи фæлварынц аивады алы къабазы дæр. Стыр æххуы сын сты фæлтæрдджын ахуыргæнджытæ дæр. Æрыгон курдиæттæ егъау гæнæнты тыххæй нæ дарддæры æрмæджы. Ацы сабитæ сæ хъарутыл нæ ауæрдынц доулийыл æрцæгъдынмæ. Архайынц дыууæ къордæй. Фидæны артисттæ сæ размæ æвæрынц стыр хæстæ. Зæгъæм, Ибрагим ныр афæдзæй фылдæр музыкæйы архайы профессионалон хуызы. Лæппуйы фæнды дунейы зынгонддæр сценæтæм рахизын. Ибрагим æмæ Фыййагдоны иннæ сывæллæттæн сæ бæлиццттæ æххæст кӕнынмæ æххуыс кæнынц культурæйы бынæттон хæдзары. 2018 азы йæ федералон программæйы фæлгæты йæ бындуронæй рацарæзтой. Ног бæстыхаймæ зæрдиагæй цæуынц бинонтæй. Фæсивæд сæхи фæлварынц æрмдæсныты къорды, шахматты клубы æмæ æндæрты. Уæдæ дзы æппæты фыццаг та фæзынд национ инструменттыл цæгъдыны дисциплинæ. Цыппар азмæ дзы равзæрд сывæллæтты ансамбль «Дидинæг». Ахуыртæм зæрдиагæй цæуы Аринæ дæр. Мæй размæ йæ базыдта, культурæйы бынæттон хæдзары пианинойыл кæй ахуыр кæнынц. Фæзынд дзы инструмент æмæ ахуыргæнæг. Сывæллон хорз арæхсы. Æхсызгон ын у йæ мады фæндæгтыл кæй цæуы, уый. Фæсивæды гæнæнтæ æргом кæнынц фæлтæрдджын ахуыргæнджытæ. Сæ фылдæр сывæллæттæм æрвылбон араст вæййынц Дзæуджыхъæуæй. Калоты Руслан куыд зæгъы, афтæмæй сæйрагдæр у сывæллæтты истæуыл сахуыр кæнын. Сæ æнтыстдзинæдтæ та фæтых вæййынц фæндаджы фæлладыл. Культурæйы хæдзары директор куыд зæгъы, афтæмæй клубы коллектив æмдыхæй архайы сывæллæтты уæгъд рæстæг пайдаимӕ саразыныл. Аразынц сын æмбæлгæ уавæртæ. Фыййагдоны культурæйы хæдзар æрмæст цæрджытæн нæу цымыдисаг. Арæх туристты дæр бафæнды сæхи сфæлдыстадон къордты бафæлварын. Кæд пандемийæйы аххосæй комкоммӕ ахуыртæ фæкъуылымпы вæййынц, уæддæр ацæуынц онлайн хуызы. Культурæйы хæдзары интернеты æххуысæй ныр дæр сывæллæттæ цæттæ кæнынц сӕхи ног проекттæ. Сæрды дзы райдайдзæн вальсы фестиваль æмæ æндæр мадзæлттæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv