Хуасдзауты Фатимæ 40 азæй фылдæр скъоладзаутæн амоны химийы сусæгдзинæдтæ
Нæ рухс фидæныл нын хорзырдæм чи ахады, уыцы адæмы 'хсæн стыр бынат ахсы ахуыргæнæг дæр. Адæймаджы цардмæ цы æвæрæн бахæссы, уымæн аккаг аргъ скæнын зын у. Нæ дарддæры æрмæджы хъайтар у Дзæуджыхъæуы 18-æм скъолайы химийы ахуыргæнæг Хуасдзауты Фатимæ. 40 азы дæргъы сывæллæтты æмхиц кæны ахсджиагдæр зонадтæй иумæ. Цы дæсныйад равзæрста, ууыл никуы фæфæсмон кодта. Абон дæр йæ цард æнæ скъолайæ уынгæ дæр нæ кæны. Йæ хуыздæр хæрзиуæгыл та нымайы йæ ахуырдзауты æнтысдзинæдтæ. Ахуырадæн йæ цард чи снывонд кодта, уыцы адæймагимæ фембæлд Дзæдзойты Фатимæ. Химион буаргъæдтæн цавæр миниуджытæ ис æмæ кæрæдзийæ цæмæй хицæн кæнынц се скондмæ гæсгæ, уымæй уæлдай, химион бастдзинады руаджы сæ мидæг цы ивддзинæдтæ æрцæуы, уый ацы скъоладзаутæ иуылдæр хорз зонынц. Химион фæзындтæ иртасын æмæ ахуыргæнинæгты наукæйы ног æмæ ног къæпхæнтæм схизын кæнын у Хуасдзауты Фатимæйæн йæ сæйраг нысан. Фатимæ йæ сабибонтæй фæстæмæ йæхи æндæр дæсныйады уынгæ дæр нæ кодта. 7-æм къласы та бауарзта хими. Куыд зæгъы, афтæмæй йын ацы зын фæлæ цымыдисаг предмет бауарзын кодта йæ ахуыргæнæг. Уæд йæхицæн загъта, æрмæст ацы зонадимæ баст кæй уыдзæн йæ фидæны дæсныйад. Бацыди ахуыр кæнынмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон университетмæ. Йæ профессионалон фæндаг Хуасдзауты Фатимæ райдыдта Лескены скъолайы. Хуасдзауты Фатимæ ахуыргæнæгæй кусын куы райдыдта, уæдæй нырмæ цалдæр сæдæ скъоладзауы сцымыдис кодта химимæ. Йæ ахуырдзаутæй бирæтæ сæхицæн равзæрстой ахуыргæнæджы дæсныйад. Ныртæккæ Фатимæ кусы Дзæуджыхъæуы 18-æм сколайы. Скъоладзаутæ куыд зæгъынц, афтæмæй, урокмæ цæугæйæ, кæддæриддæр фæзонынц, химион баиугæндты фæрцы та сæм ног ахсджиаг иртасæнтæ кæй æнхъæлмæ кæсы. Хуасдзауты Фатимæйы ныхæстæм гæсгæ, ахуыргæнæджы куысты сæйрагдæр у скъоладзаутимæ иумæ ногдзинæдтыл ахуыр кæнын, рæстæгимæ æмдзу кæнын. Æмæ уыцы хъуыддаджы æнæмæнг хъæуы ахырдзауты уарзын хи хъæбулты хуызæн. Сывæллæттимæ хъуамæ зæрдæхæлар уай, зæгъы Фатимæ. Ахуыргæнæджы куыст куы нæ уарзай, уæд та скъолайæ иувæрсты цæуын хъæуы. Дæ зæрдæ дæ цæмæ ’хсайа, уый хъуамæ кæнай, зæгъы Фатимæ. Ныр ахуыргæнæгæй кусы 40 азы бæрц. У Уæрæсейы Федерацийы ахуырады къабазы кадджын кусæг. Цалынмæ кæстæрты цур ахæм хистæртæ уа, уæдмæ та сын царды фæрæдийынæй тæссаг нæу. Уыдон фæсивæдæн сты дæнцæг. Æмæ йæ, чи зоны, мыййаг, кæд абон Хуасдзауты Фатимæйы ахуыргæнинæгты 'хсæн ис суинаг академиктæ, фидæны Менделеевтæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуасдзауты Фатимæ 40 азæй фылдæр скъоладзаутæн амоны химийы сусæгдзинæдтæ
Категория:
Новости и СМИ