Ирон драматургийы бындурæвæрæг Брытъиаты Елбыздыхъойы райгуырдыл сæххæст 140 азы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

63 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

63 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

63 просмотра

6 лет назад

Ирон адæмы зæрингуырдтæй иу - Брытъиаты Елбыздыхъойы райгуырдыл абон сæххæст 140 азы. Ирд фæд ныууагъта канд литературæйы нæ, фæлæ театралон аивады, æмæ æгас ирон культурæйы дæр. Йе сфæлдыстады хæзнатæ кæддæриддæр уыдзысты фæндагамонæг æмæ зондхæссæг ирон адæмæн. Драматурджы райгуырды бон сбæрæг кодтой йæ уарзон хъæуы. Абон Уæллаг Фиагдоны культурæйы галуаны къух бакæнæн нæ уыд. Ам бæрæг кодтой ирон адæмы зæрингуырдтæй иуы юбилей. Фыссæг, ирон драматурги æмæ ирон театры бындурæвæрæг, курдиатджын æмæ куырыхон лæг Брытъиаты Елбыздыхъойы райгуырыды боныл сæххæст 140 азы. Галуаны сцæнæйыл равдыстой Брытъиаты Елбыздыхъойы фыццаг пьесæ «Уæрæседзау». Йæ генион сфæлдыстад - трагеди «Хазби», пьесæ «Худинаджы бæсты мæлæт», драмæ «Дыууæ хойы» нымад сты нæ литературæйы бæрзонддæр æнтыстдзинæдтыл. Йæ уацмыстæ кæсгæйæ, адæймаджы цæстытыл ауайынц хæххон æрдзы нывтæ, зæрдæйы ахъары хъæууон адæмы цард æмæ карз хъысмæты тухæнтæ. Йæ аивады фарстатæ актуалон æмæ ахсджиаг сты абоны онг дæр. Драматурджы цардвæндаг уыдис бирæвæрсыг æмæ дæргъвæтин. Йæ ахуырдзинад хъæздыг кæнынмæ абалц кодта Бетъырбухæй суанг Бакумæ. Брытъиаты Цопаны фырт Елбыздыхъо райгуырд æмæ схъомыл Куырттаты комы, Дæллагхъæуы 1881 азы. Уымæ гæсгæ Ирон фысджыты цæдисы комитет, Ирон театр æмæ бынæттон администраци сфæнд кодтой ацы адæмы æрбамбырд кæнын сæрмагондæй йæ райгуырæн хъæуы. Ам 2001 азы фыссæгæн сæвæрдтой цыртдзæвæн дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Ирон драматургийы бындурæвæрæг Брытъиаты Елбыздыхъойы райгуырдыл сæххæст 140 азы

Категория:

Новости и СМИ