Фæсарæнтæй чи сыздæхт æмæ медицинон æркаст кæмæ цæуы, уыдоны нымæц у 818 адæймаджы
Тагъд æххуысы Клиникон Рынчындоны ныртæккæ ис 299 пациенты. 37 -мæ коронавирус сбæрæг кодтой. 27 рынчыны сты улæфæн аппаратты бын. Сывæллæтты Республикон Клиникон Рынчындоны инфекцион корпусы ис 15 сывæллоны æмæ карджын 16 адæймаджы. Коронавирус дзы рабæрæг кодтой 5 сывæллонмæ æмæ карджын 6 адæймагмæ. Реанимацийы ис æртæ сывæллоны. Республикон Клиникон Рынчындоны ныртæккæ ис 519 адæймаджы. Референц-центры covid кæмæ сбæрæг кодтой уыдоны нымæц у 35 адæймаджы. 26-æй сты улæфæн аппаратты бын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Фæсарæнтæй чи сыздæхт æмæ медицинон æркаст кæмæ цæуы, уыдоны нымæц у 818 адæймаджы
Категория:
Новости и СМИ