Дзæуджыхъæуы ацыд ирон æвзагæй олимпиадæйы регионалон къæпхæн
Не 'взаг — нæ хæзна. Дзæуджыхъæуы 13-æм скъолайы ацыд ирон æвзагæй олимпиадæйы регионалон къæпхæн. Сæ цæттæдзинад дзы равдыстой нæ республикæйæ ирон æвзаг хуыздæр чи зоны уыцы скъоладзаутæ. Хæслæвæрдтыл бакусыны размæ скъоладзаутæ лæмбынæг хъусынц фæстаг амынддзинæдтæм. Уæвгæ, ацы лыстæгдзинæдтæ сæ ахуыргæнджытимæ иу æмæ дыууæ хатты не сфæлхат кодтой. Регионалон къæпхæнмæ рахизыны размæ сæ цæттæдзинад равдыстой скъолайы æмæ муниципалон æмвæзадыл. Уыдысты хуыздæрты 'хсæн. Фæлæ, абон алы сывæллон дæр йæхиуыл æвæры уæлдай хæс. Олимпиадæйы цыдмæ алы къласы дæр йæ хъус дары æндæр предметæй ахуыргæнæг. Æппæт хæслæвæрдтæ дæр арæзт æрцыдысты скъолайы цы æрмæг рацыдысты, ууыл æнцайгæйæ. Зæгъын ма хъæуы, уый æмæ мадзалы хицæнæй архайынц ирон æвзаг мадæлон кæмæн нæу, фæлæ йæ хорз чи зоны, уыдон дæр. Хæслæвæрдтæ фылдæр сты тестыты хуызы. Хъæуы ма нывæцæн ныффысссыын дæр. Хæслæвæрдтыл ахъуыды кæнынмæ алкæмæн дæр лæвæрд ис 3 сахатмæ 'ввахс. Ирон æвзагæй олимпиадæйы регионалон къæпхæны æдæппæтæй 193 скъоладзауы. Се 'хсæн 9-æй 11-æм къласмæ ахуыргæнинæгтæ. 3-æм мартъийы та сæ зонындзинæдтæ сбæрæг кæндзысты ирон литературæй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv