Дзæуджыхъæуы 25-аздзыд цæрæгæн рахастой тæрхондоны уынаффæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

Дзæуджыхъæуы пъæлицæйæгтæ æрцахстой канализацион люктæ давæджы. Æмткæй райсгæйæ, зиан æрхаста 120 мин сомæн. Люктæй уæлдай ма, знаггадгæнæг давта, уарыны дæттæ кæдæм цæуынц, уыцы æфсæйнаг бырутæ. Оперативон-сгарæн мадзæлтты рæстæг рабæрæг, закъонхалæг 25-аздзыд бынæттон цæрæг кæй у, уый. Цы згъæр æмæ æфсæйнаг адавта, уымæй бакуыста 10 мин сомы. Ахæм закъонхалджыты аххосæй ныр фистæгцæуджытӕн фæндаджы сæрты хизгæйæ хи æрмæст хæдтулгæтæй хъахъхъæнын нæ фæхъæуы, фæлæ ма, гомæй цы люктæ аззадысты, уыдонæй дæр. Ныххауынæй дзы тæссаг у. Хæдтулгæ скъæрджытæн та сæ уавæр у бирæ фыддæр. Фæндаггон змæлды шофыр гом люк уынгæ дæр нæ фæкæндзæн, афтæмæй дзы смидæг уыдзæн. Уæлдайдæр та – æхсæвыгон. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, згъæртæ æнæзакъонæй чи `лхæны, уыцы адæммæ карз фæстиуджытæ кæй æнхъæлмæ кæсы, уый. Закъонмæ гæсгæ ахæстоны сæ бон у фӕбадын 2 азы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv