Вице-премьер Бокоты Эльбрус амыдта арæзтады архайджыты бартæ хъахъхъæныны фарстатыл фæдыл æмбырд

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

Арæзтады архайджыты бартæ хъахъхъæныны фарстатыл республикæйы вице-премьер Бокоты Эльбрус æрдзырдта арæзтад æмæ архитектурæйы министры хæдивæг Бæззаты Эльбрусимæ. Æмбырды архайдтой арæзтадон организациты æмæ арæзтады архайджыты минæвæрттæ дæр. Ныридæгæн бацæттæ кодтой сæрмагонд пълан. Æдæппæтæй хыгъды ис 7 объекты. Фарста аиуварс кæндзысты «Фæзуæтты райрæзты фонд»-ы æххуысæй. Афтæмæй, объекты арæзтадон цæттæдзинады гуырахст 80% æмæ фылдæр куы уа, уæд æй кæронмæ самайдзысты. Уымæй къаддæр куы уа, уæд арæзтады архайджытæн фиддонтæ снысан кæндзысты. Бокъоты Эльбрус бабар кодта цыбыр рæстæгмæ куыстыты график бацæттæ кæнын, æмæ куыд æххæстгонд цæуы, уымæ хъус дарын. Ахсджиаг у, цæмæй арæзтадон организацитæ се ‘хцатæй кæмæн спайда кодтой, уыцы адæмæй алчидæр зона, йæ фарстайыл ын кæд бакусдзысты, уый. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv