Цæгат Ирыстоны 300 бинонтæн баххуыс кодтой хойрæгтæй
Дзидза, æйчытæ, картоф æмæ хъæдындз. 300 æххуысцух бинонтæн республикæйы баххуыс кодтой хойрæгтæй. Коронавирусимæ баст уавæры тыххæй æгуыстæй чи баззад, уыдонмæ хъæуы уæлдай фæкаст. Æппæт бинонтæн дæр бархионтæ хойрæгтæ фæхæццæ кæндзысты дыууæ боны æмгъуыдмæ. Акци арæзт у Паддзахадон думæйы депутат Таймазты Артуры хъæппæрисæй. «Мы вместе» æппæтуæрæсеон акци та архайынц нæ номдзыд спорстментæ Цæболты Хетæг æмæ Сидахъаты Зауырбег. Бархионтимæ æххуыс кæнынц бирæсывæллонджын бинонтæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны 300 бинонтæн баххуыс кодтой хойрæгтæй
Категория:
Новости и СМИ