«Лес Победы» æппæтуæрæсеон экологон акцийы архайы Цæгат Ирыстон
«Лес Победы», зæгъгæ, æппæтуæрæсеон экологон акцийы архайы Цæгат Ирыстон. Акци у мысæн æмæ намысы азы ахсджиагдæр мадзæлттæй иу. Æппæтуæрæсеон æфснайæн зиу «Зеленая Россия»-йы рæстæг Фыдыбæстæй Стыр хæсты чи фæмард, уыдоны кадæн ныссадзысты милуан бæласы Уæрæсейы алы регионы дæр. Фарон республикæйы фæзынд 2 мин талайы. Акци æнтсытджынæй кæй рауад, уый фæдыл республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславæн арвыстой Паддзахадон Думæйæ арфæйы фыстæг. Ацы аз, акцийы аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй дзы бирæ ног архайджытæ фæзындзæн. Стыр пайда хæссы хъæд бахъахъхъæнынмæ, стæй рæзгæ фæлтæры хъомыладæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Лес Победы» æппæтуæрæсеон экологон акцийы архайы Цæгат Ирыстон
Категория:
Новости и СМИ