Дзæуджыхъæуы 28 уынджы фӕндӕгтӕ бындуронæй сцалцæг кодтой

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

6 лет назад

Фæндæгты арæзтады рæстæг кæронмæ фæхæццæ кæны. Специалистты ныхæстæм гæсгæ куыстыты фылдæр хай æххæстгонд æрцыд. Ацы аз Дзæуджыхъæуы сцалцæг кодтой 28 уынджы. Зæгъæм, Весенняя уынджы уавæр фæхуыздæр кæныны тыххæй сарæзтой ног фæндаг. Ныр дзы хæдтулгæтæй цæндтæ нал уыдзæн. Дзæуджыхъæуы БАМ-ы районы райрæзтыл æнтыстджынæй архайынц. Аразынц ног бирæуæладзыгон хæдзæрттæ, офистæ æмæ базарадон центртæ. Уымæ гæсгæ уынгты хæдтулгæты нымæц рæзы. Дæнцæгæн æрхæссæн ис Весенняя уынг. Æрвылбон уынджы фæндæгтыл ацæуы цалдæр мин хæдтулгæйы. Арæх дзы сæвзæры цæндтæ дæр. Уавæр фæхуыздæр кæнынæн горæты администраци сфæнд кодта ног фæндаг саразын. Уыцы куыстытæ æххæст кæнын райдыдтой уалдзæджы. Куыстытæ цыдысты æнæрлæугæйæ. Аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ куысты хæрзхъæддзинад зæрдæхсаинаг нæу. Пайда кодтой нырыккон æрмæджытæй. Уадздзаджы дæргъ у километр æмæ сæдæ метры. Ног фæндаджы руаджы хæдтулгæты нымæц фæфылдæр уыдзæн. Ныртæккæ у цæттæ. Фæзынд дзы фистæгцæуджытæн фæндæгтæ, сног кодтой рухсдæттæн системæ. Арæзтадон рæстæг кæронмæ фæхæццæ кæны. Специалистты ныхæстæм гæсгæ куыстыты 95% фесты. Ацы аз «Æдас æмæ хæрзхъæд автомобилон фæндæгтæ», зæгъгæ, федералон проектмæ гæсгæ Дзæуджыхъæуы бындуронæй сцалцæг кодтой дыууын аст уынджы. Фидæны аз сцалцæг кæндзысты дыууын иу уынджы. Æрыдойнаг, Маркус æмæ Абайты Васойы номыл уынгтæ, стæй ма æндæр уынгтæн ногæй баивдзысты сæ асфальт. Экспертты ныхæстæм гæсгæ хъуамæ куыстыты хæрзхъæддзинад зæрдæхсаинаг ма уа. «Æдас æмæ хæрзхъæд автомобилон фæндæгтæ», зæгъгæ, национ проект ахæсдзæн 6 азы. Уыцы рæстæгмæ Дзæуджыхъæуы фæнд кæнынц бындуронæй горæты фæндæгты 85% сцалцæг кæнын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Дзæуджыхъæуы 28 уынджы фӕндӕгтӕ бындуронæй сцалцæг кодтой

Категория:

Новости и СМИ