Гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты 4-æм хатт арæзт æрцыдысты Гуыриаты номыл кæстытæ
Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты 4-æм хатт арæзт æрцыдысты Гуыриаты Тамерланы номыл кæстытæ. Ахуыргæндтæ дзырдтой зындгонд профессор йæ цард кæмæн снывонд кодта, уыцы хъуыддæгтыл – æвзагзонынад, Нарты кадджытæ æмæ культурæты 'хсæн ахастдзинæдты фарстатæ. Гуыриаты Тамерланы сфæлдыстады ис сæдæ куыстæй фылдæр. Ирон æвзаг бауарзын кæнын, стæй ма æмтгæй наукæ дæр- уыдоныл æмæ æндæр фарстатыл архайдта куырыхон ахуыргонд. Гуыриаты Тамерлан бирæ азты куыста Цæгат Ирыстоны педагогон институты. Йæ наукон куыстытæ йын зонынц канд нæ республикæйы нæ, фæлæ ма Уæрæсейы æмæ фæсарæнты дæр. Ацы аз Гуыриаты Тамерланы номыл кæстытæ бахастой æппæтадæмон æмвæзадмæ. Архайджыты ныхæстæм гæсгæ, ахæм кæстытæ хорз ахъаз сты, куыд хистæр кары ахуыргæндтæн, атфæ ма æрыгæттæн дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты 4-æм хатт арæзт æрцыдысты Гуыриаты номыл кæстытæ
Категория:
Новости и СМИ