Æрæфы районы ацыд хъæлæс кæныны фыццаг бон
Æвзарæн хайæдтæ абон райдыдтой сæ куыст æппæт районты дæр. Бынæтты æххæстгонд цæуынц санитарон-эпидемиологон домæнтæ. Æвзæрстыты цыдмæ кæсынц æхсæнадон цæстдарджытæ. Æрæфы районы хъæлæс кæныны фыццаг бон куыд ацыд, уый тыххæй нæ дарддæры æрмæджы. Æрбахизæны цæрджытæн барынц сæ буары тæвд, дæттынц сын маскæтæ, æрмкъухтæ æмæ хицæн ручкæтæ. Цыколайы хъæлæс кæныны хайадмæ, сæ граждайнаг хæс сæххæст кæнынмæ афтæ бирæ адæм кæй æрбацæудзӕн, уый æнхъæл нæ уыдысты къамисы уæнгтæ дæр. Æмбисбонмæ схъæлæс кодтой адӕмӕн йӕ 20% фылдæр. Æвзарæн къамисы уæнгты ма фидæны хъæуы егъау куыст бакæнын. Бынæттон цæрæг Æлборты Эльзæйы ныхæстæм гæсгæ, адæм хъæлæс кæнынц канд сæхи нæ, фæлæ рæзгæ фæлтæры фидæныл хъуыдыгӕнгӕйӕ. Хестанты Аланæ та æнхъæлмæ кæсы социалон къабазы ивддзинæдтæм. Фæсивæды номæй хъæлæс кӕны, цæмæй фидæны Æрæфы районы культурон райрæзтæн бантыса фылдæр объекттæ саразын. Æмæ кæд ивгъуыд азты чысыл куыст нæ бакодтой, уæлдай дæр та национ проектты æххуысæй, уæддæр цæрджыты домæнтæ сырæзтысты. Ацы аз Центрон æвзарæн къамисы уынаффæмæ гæсгæ, схъæлæс кæнынæн фадат уыдзæн 3 боны. Сæйраг бон, ома, 19-æм сентябры схъæлæс кæныны гæнæн кæмæн нæй, уыдонæн ахæм ивддзинад уыдзæн ахъаз. Алы хайæдтæ дæр цæттæ кæй сты æвзæрстытæм, уый гуырысхойаг нæу, Тускъаты Таймуразы ныхæстæм гæсгæ. Цыколайы абон йæхæдæг дæр схъæлæс кодта. Иумæйагæй схъæлæс кæныны барæй Æрæфы районы спайда кæныны фадат ис 15 мин адæймагӕн. Ныридæгæн нæ рабæрæг кодтой уагхæлдтытæ. Бюллетентимæ урнæтæ алы хайæдты дæр сты бæстон цæстдарды бын. Хуыцаубоны изæрæй хъæлæстæ райдайдзысты нымайын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv