Кады гæххæттытæй хорзæхджынгонд æрцыдысты политикон репресситы амæттæгты хæрзаудæн ассоциаци «Номарæ
Политикон репресситы амæттæгты хæрзаудæн ассоциаци «Номарæн»-ы разамонæг Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды сæргълæууæджы номæй кады гæххæттытæй схорзæхджын кодта къорды архайджыты. Æхсæнадон-политикон царды зынгæ куыст æмæ хæстон архæйдты тыххæй хорзæхджынгонд æрцыдысты Роберт Айзверт æмæ Алексей Лозневой. «Номарæн»-ы сæргъы бирæ азты дæргъы лæууыд Зураты Ауызби. 20 азмæ сæ къухы бафтыд æрæмбырд кæнын æмæ ныммыхуыр кæнын репрессийы амæттæгты зæрдылдарæн чингуытæ. Бæлвырд дзы фыст æрцыд хицæн адæймæгты цардвæндаг, сæ репрессийы аххосæгтæ, цавæр лагерты уыдысты æмæ æндæр хабæрттæ. Хицæн томы ис, адæмыхæттытæй Цæгат Ирыстоны цæргæйæ репрессигонд чи æрцыд, уыдоны тыххæй дæр. Ныртæккæйы рæстæг къорды архайджытæ сæ хъæугæ куыст æнтыстджынæй дарддæр хæццæ кæнынц. Æмбырды ма æрдзырдтой, чингуытæ нымæцон хуызмæ куыд хуыздæр рахæссæн ис, ууыл. Уый бæлвырд фенцондæр кæндзæн, кæй фæнды, уыдонæн сæ хæстæджыты цардыхабæрттæ базоныны хъуыддаг. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv