Мадæлты капитал ацы аз æрцæудзæн 8,4% индексацигонд
Ацы аз мадæлты капитал æрцæудзæн 8,4 проценты индексацигонд. Йæ тыхы бацыд закъон, индексацигонд кæй цæудзæн инфляцийы прогнозмæ гæсгæ нæ, фæлæ ныридæгæны бæрæггæнæнтæм гæсгæ. Фыццаг сывæллонæн фиддон фæфылдæр уыдзæн 484 мин сомæй 524-мæ. Дыккаг æмæ фылдæр сывæллæттæн фиддонты бæрц ахиздзæн 693 сомæй. Уый хауы æндæр социалон фиддонтæм дæр. Æрвылмæйон фиддонтæ 8,4 проценты схиздзысты сывӕллæттæ цы бинонты ис, йе 'нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, куыстуаты хъыгдæрд чи баййæфта, уыдонӕн æмæ ветерантæн дæр. Мадæлты капиталы бæрц индексаци кæнын инфляцийы ныридæгæны уавæрмæ гæсгæйы хъуыды рахаста бæстæйы президент Владимир Путин. Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæлхасады æргътæ уӕлдӕр кæй кӕнынц, уый уæлдай ахады, йæ исбонад уæззау кæмæн у, уыцы цæрджыты къордыл. Бафтаудзыстæм ма, ацы аз пособитæ райсдзысты милуаны 'рлӕг бинонтæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv