Цмытийы цæрджыты тыхсын кæны хъæуы фæндаджы уавæр

2 тыс. подписчиков

12+
12+

12 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

12 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

12 просмотров

5 лет назад

Куырттаты комы цæрджыты тыхсын кæны Цмытимæ фæндаджы уавæр. Къæвдайы рæстæг æй дон аласы. Нæ дзы вæййы нæ хæдтулгæйæ, нæ фистæгæй ацæуæн. Хъæуы администраци йæ алы хатт сæхи тыхтæй банывыл кæнынц. Фæлæ та куыддæр къæвда руары, афтæ сын дон сæ архайды фæстиуджытæ æрыхсы. Къæвдаты фæстæ ацы фæндагыл ацæуæн нæ вæййы. Ахæм уавæр тыхсын кæны Цмытийы цæрджыты. Къæвдайы дон фæндаджы уæлцъар фехалы, æмæ дзы хæдтулгæйыл ацæуыны фадат нал вæййы. Фæндагыл фæскъæвда зын цæуæн вæййы фистæгцæуджытæн дæр. Милдзыхты Ритæ Куырттаты коммæ арæх ссæуы. Цæгат Ирыстоны рæссугъддæр бынæттæ фенынмæ Мæскуыйæ ссыд. Куыд радзырдта, афтæмæй къæвдаты аххосæй хæхтæм ацæуын къухы нæ бафты. Бынæттон администрацийы нын куыд радзырдтой, афтæмæй фæндаг сцалцæг кæнынц хи хъарутæй. Арæх сæм фæкæсынц хæрзгæнджытæ дæр. Къæвдаты рæстæг фæндагмæ базилын бахъæуы цалдæр хатты. Ногæй дзы ныппарх кæнынц баласт æмæ йæ рамраст кæнынц. Фидæнмæ ацы фæндагмæ базилдзысты бындуронæй. Ныртæккæ сцалцæг кодтой фæндаджы 800 метры. Къæвдаты фæстæ та уавæр февзæрдæр уыдзæн. Бынæттон цæрджыты ныфс ис, сæ фарста сын кæй аиуварс кæндзысты, уымæй. Пелиты Сабинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цмытийы цæрджыты тыхсын кæны хъæуы фæндаджы уавæр

Категория:

Новости и СМИ