Дзӕуджыхъӕу райста 26-æм-27-æм азты хъармгӕнӕн сезонмӕ цӕттӕдзинады акт
Дзӕуджыхъӕу райста 26-æм-27-æм азты хъармгӕнӕн сезонмӕ цӕттӕдзинады акт. Горӕты социалон объекттӕ ӕмӕ хъармгӕнӕн организаци ӕнтыстджынӕй ацыдысты зымæджы агъоммæ æркаст. Сарӕзта йæ горӕты администрацийы цур сӕрмагонд къамис. Куысты фӕстиуджытӕм гӕсгӕ, специалисттӕ ӕппӕт социалон кусæндæттæн скодтой бӕрӕггӕнӕнты сыфтӕ ӕмӕ бафыстой цӕттӕдзинады паспорттӕ. Раздӕр агдæтты, хъармгæнæн хызты ӕмӕ горӕты службӕты куыст сбӕрӕг кодта Ростехнадзоры къамис. Цӕстдарӕг оргӕн дӕр радта цӕттӕдзинады акт. Ныр ма Дзӕуджыхъӕуы хъуамæ бафыссой зымӕгмӕ цӕттӕдзинады иумӕйаг паспорт. Ацы документ раттæн ис 2026 азы 20 ноябры онг.
Название:
Дзӕуджыхъӕу райста 26-æм-27-æм азты хъармгӕнӕн сезонмӕ цӕттӕдзинады акт
Категория:
Новости и СМИ