Æрæфы районы нывыл кæнынц æфсымæрон ингæнтæ æмæ æфсæддон намысы бынæттæ
Æрæфы районы райдыдтой Уæлахизы бонмæ цæттæгæнæн мадзæлттæ. Аив кæнынц æфсæддон намысы бынæттæ, мемориалтæ æмæ хæстон ингæнтæ. Цыртдзæвæнты алфамбылай æфснайынц, ахорынц цыртдзæвæнтæ. Уæлдай цæстдард Цыкола, Сырх-Дыгур æмæ Лескены æфсымæрон ингæнтæм. Бынæттон администрацийы сæргълæууæг Лæгкуты Омар куыд фæнысан кодта, афтæмæй райгуырæн бæстæйы сæраппонд хæсты чи фæмард, уыцы æфсæддонты уæлмæрдтæ æфснайдæй дарын æмæ сын сæ рухс нæмттæ ма рох кæнын у алкæй хæс дæр. 1-æм майы онг сæ зæрды ис районы æппæт æфсæддон намысы бынæттæ дæр снывыл кæнын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æрæфы районы нывыл кæнынц æфсымæрон ингæнтæ æмæ æфсæддон намысы бынæттæ
Категория:
Новости и СМИ