Цыппурсы бæрæгбоны футболон турниры уæлахиздзаутæ сбæрæг сты

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 просмотров

5 лет назад

Дзæуджыхъæуы кæронмæ æрхæццæ спорт æмæ æнæниз цардыуаг парахат кæныны турнир футболæй. Архайдтой дзы 2010 азы гуырд спортсментæ. Ерыстæ арæзт æрцыдысты физкультурæ æмæ спорты министрады хъæппæрисæй. Чемпионаты уæлахиздзаутæ систы спортивон скъола «Юность» минæвæрттæ. Сывæллæтты тренер Торнике Биганашвили. Дыккаг бынат бацахста командæ «Спартак-Алания». Æртыккаг бынат та саккаг кодтой скъола «Барс»-ы футболисттæн. Хуыздæр архайджытæ дæр сбæрæг сты. Æгкацаты Сослан сси хуыздæр дуаргæс, Касаты Батрадз хуыздæр хъахъхъæнæг, Пхалæгаты Маратæн та æмбал нæ уыд æрдæгхъахъхъæнджыты хсæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv