Уæрæсейы æхсæнадон палатæйы къамисы уæнгтæ бæрæг кæнынц РЦИ-Аланийы ахсджиаг объекттæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 просмотров

5 лет назад

Уæрæсейы æхсæнадон палатæйы уæнгтæ кæсынц, социалон нысаниуæг кæмæн ис, республикæйы уыцы объекттæм. Эксперттæ уал ныридæгæн се `ргом аздæхтой фæндæгты арæзтадмæ, стæй горæты фæлладуадзæн бынæтты уавæрмæ. Æркæсдзысты ма скъолатæ æмæ рæвдауæндæттæм дæр. Денджызон Фистæгцæуджыты номыл уынджы 9-æм хæдзары цæрджытæ сæ тыхстытæн нал фæразынц - бæстыхайы сæр бирæ азты уыд æдзæллаг уавæры æмæ дзы дон бынмæ хъардта. Сæхæдæг-иу æй бацалцæг кодтой, фæлæ та-иу радон дымгæ хæдзары сæр сыстыгъта. Æрæджы та йæм базылдысты. Баивтой та йын йæ сæр, хæтæлтæ, банывыл кодтой пъадвал дæр. Уæрæсейы æхсæнадон палатæйы уæнгты архайд цæрæн-коммуналон фарстаты, арæзтады æмæ фæндæгты цалцæджы къабæзты егъау у. Эксперттæ ныридæгæн æркастысты хъармгæнæн æмæ дондзæуæн объекттæм. Се 'ргом аздæхтой фæндæгты арæзтадмæ, стæй горæты фæлладуадзæн бынæттæ аив кæныны хъуыддагмæ. Сæйрагдæр у, кæлæддзæгтæй ног хæдзæрттæм цы адæмы раивтой, уыдоны бæстыхæйтты уавæрмæ кæй æркастысты, уый. Æмбырды уæнгтæ ма бынаты базонгæ сты разамонæг компаниты архайдимæ дæр. Сæ сæйраг хæстæй иу - цæрджытимæ æмархайд цы уавæры ис, уый базонын. Горæты фæлладуадзæн бынæтты, коммуналон объектты, стæй фæндаггон инфраструктурæйы лыггæнинаг фарстатыл æрдзурдзысты экспертон æмбырды. Архайдзысты дзы республикæйы хицауады уæнгтæ, стæй министрадтæ æмæ бæрнон кусæндæтты разамонджытæ. Фыццаджыдæр нымайдзысты адæмы курдиæттæ. Æхсæнадон палатæйы уæнгтæ уавæрмæ кæсдзысты дарддæр дæр. Эксперттæ ма æркæсдзысты скъолатæм æмæ рæвдауæндæттæм дæр. Бабæрæг кæндзысты, быроныл кæм бакусынц, уыцы завод дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Уæрæсейы æхсæнадон палатæйы къамисы уæнгтæ бæрæг кæнынц РЦИ-Аланийы ахсджиаг объекттæ

Категория:

Новости и СМИ