РЦИ-Аланийы арæзтад æмæ архитектурæйы министрад 2020 азæн скодта хатдзæгтæ
Цæгат Ирыстоны архитектурæ æмæ арæзтады министрады æрдзырдтой 2020 азы куысты хатдзæгтыл. Уагдоны разамонæг Тотыккаты Артуры ныхæстæм гæсгæ, ацы аз æххæст кæнынц 126 объекты арæзтад æмæ рацарæзт. Куыстытæ фæуыдзысты афæдзы кæрон. Бындурон цалцæг кæнынц алы къабæзты бæстыхæйттæ. Арæзтой культурæйы объекттæ дæр. 17-æй дзы 12 ныридæгæн байгом кодтой. Дарддæр араздзысты аукционтæ æмæ конкурстæ. Уыдонмæ гæсгæ сбæрæг уыдзæн, цавæр хъæуты сцалцæг кæндзысты культурæйы хæдзæрттæ, уый. Сывæллæтты республикон клиникон рынчындоны соматикон корпусы арæзтад дæр кæронмæ æрхæццæ. Хъæуты арæзт цыдысты ног фелсырон-акушерон пункттæ. Æппæт районты дæр ахæм объекттæ фæзынд 32, афæдзы кæронмæ ма сæ хуыз скалдзысты 4 бæстыхайы. Цæрæнбынæтты сертификаттæ куыд лæвæрд цæуынц, уый тыххæй та министр радзырдта хицæнæй. Нысангонд пъланмæ гæсгæ ацы аз сарæзтой бирæфатерон хæдзæрттæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
РЦИ-Аланийы арæзтад æмæ архитектурæйы министрад 2020 азæн скодта хатдзæгтæ
Категория:
Новости и СМИ