Битарты Вячеслав йæ 98 азы фæдыл арфæ ракодта Цалиты Сафарбийæн
Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав йæ 98 азы фæдыл арфæ ракодта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран, Дыгуры районы кадджын цæрæг Цалиты Сафарбийæн. Арфæйы фыстæг республикæйы сæргълæууæг равæрдта йæ сæрмагонд сыфыл Инстаграммы. Сæргълæууæг Цалиты Сафарбийæн загъта бузныг, райгуырæн зæхх чи бахъахъхъæдта, уыцы хъайтарты ’хсæн кæй ис. Сæ хæрзтæ нæ бæстæйы раз сты æгæрон. Йæ зæрдæ ветеранæн зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ хорздзинæдтæ. Цалиты Сафарби архайдта Сталинграды бынмæ тохы, хъахъхъæдта Ленинград. Йæ хъæбатырдзинады тыххæй Цалиты Сафарби хорзæхгонд у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фыццаг æмæ дыккаг къæпхæнты ордентæй, «За боевые заслуги», майданæй æмæ æндæр хæрзиуджытæй. Цалиты Сафарбийы ном хаст у Гинессы рекордты чиныгмæ, куыд Уæрæсейы æппæты хистæр шофыр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Битарты Вячеслав йæ 98 азы фæдыл арфæ ракодта Цалиты Сафарбийæн
Категория:
Новости и СМИ