Дзæуджыхъæ уы цалдæр уынгæй ист æрцыдысты быроны контейнертæ
Ацы къуыри Дзæуджыхъæуы цалдæр уынгæй айстой бырон æмбырдгæнæнтæ. Бирæ цæрджытæн уый сæ зæрдæмæ нæ фæцыд. Хъаст кæнынц, ныр сæ бырон кæдæм хæссой, уый нæй. Афтæмæй бырон ласыны лæггадæн æхца ныридæгæн дæр фидынц. Администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй айстой æрмæст горæты сæйраг фæндæгтыл цы бырондæттæ уыд, уыдон. Уавæр аивынæн æрхъуыды кодтой бырæттæ дзæнгæрæджы æгъдауæй ласын. Къуыри æртæ хатты зилдзæн сæрмагонд хæдтулгæ. Фæлæ бирæтæм уый дæр æнцонвадат нæ кæсы. Кæмæн рæстæгмæ гæсгæ нæй ахæм фадат. Чидæртæ та куыд зæгъынц, афтæмæй къуыри æртæ хатт ласын æгъгъæд нæу. Уымæ гæсгæ адæм тыхсынц. Бирæтæ сæ бырæтты дзæкъултæ ныууадзынц бырондæттæ раздæр кæм уыдысты, уым. Афтæмæй дзы æрæмбырд вæййы егъау кæри. Администраци адæмæн ныфс бавæрдта ацы фарстайыл бакусын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv