Дзæуджыхъæуы ацыд æппæтадæмон акци «Огненные картины войны»

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 просмотров

5 лет назад

Нæ бæстæйы алы горæтты мысынц Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджыты. Хъæбатырты номыл судзынц мыдадзын цырæгътæ. Бирæ горæтты ацыдис акци «Огненные картины войны», зæгъгæ. Цæгат Ирыстоны парти «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæрттæ æмæ «Уæлахизы бахионтæ» Намысы мемориалы акцийы фæлгæты 15 метры дæргъæн инсталяци равæрдтой цырæгътæй. Ирыстоны цæрджытæй Гæздæнты авд æфсымæры хъæбатырдзинад æнæзонгæ никæмæн у. Сæ номыл Намысы мемориалы фæзыл мыдадзын цырагъæй равæрдтой сæ цыртдзæвæны инсталяци. Апарахат ис 15 метрыл. Акци бирæты зæрдæты ссардта бынат, уæлдай æхсызгон та уыд Гæздæнты авд æфсымæртæй иу Гæздæнты Мæхæмæты хъæбулы хъæбул Гæздæнты Аланæн. Ирыстоны ахæм бинонтæ нæ баззад хæсты уазал къух кæуыл нæ андзæвыд, чи нæ бамбæрста хæст куыд æгъатыр у уый. Æрвылаз 22 июны æппæт Уæрæсейы адæм дæр мысынц Фыдыбыстæйы Стыр хæсты хъæбатырæй чи фæмард, хъазуатонæй йæцард сæрибар æмæ сабырдзинады сæрвæлтау чи не`вгъау кодта,уыдоны рухс нæмттæ. Алкæмæн дæр сæ хъæбатырдзинад у фæзминаг. Ацы боны агъоммæ парти «Иугонд Уæрæсе»-йы бархиотæ æмæ активисттæ радон хатт базылдысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты номыл æфсæддон цыртытæ æмæ мемориалтæм. Бафснæйдтой сæ алыварс цы зæххы хæйттæ ис, уыдон дæр. Акцийы фæлгæты Уæлахизы бархионтæ боныцъæхты балæууыдысты «Мысæн вахтæ»-йы. Кæрæдзийы ивгæйæ афтæ æнусон арты цур фæлæуудзысты æмбисæхсæвмæ. Фыдыбæстæ бахъахъхъæнымæ хæсты быдырымæ нæ республикæйæ бирæтæ ацыдысты, сæ фылдæр фæстæмæ нал сыздæхтысты. Уыдонæй алкæйдæр уырныдта Фыдыбæстæмæ æгæрон уарзт сæ Уæлахизмæ кæй фæхæстæгæр кæндзæн. Æмæ сын рауад, 76 азы размæ топпы гæрах раивта Уæлахизы хъæлдзæгдзинад. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Дзæуджыхъæуы ацыд æппæтадæмон акци «Огненные картины войны»

Категория:

Новости и СМИ