Курорт «Мамысон» ы дарддæры райрæзтыл æрныхас кодтой ведомствæты хсæн арæзт кусгæ къорды уæнгтæ
Хицауады хæдзары уыд ведомствоты 'хсæн кусæг къорды æмбырд. Ныхас кодтой курорт «Мамысон»-ы дарддæры райрæзтыл. Æмбырд амыдта Тускъаты Таймураз. Æркастысты сæрмагонд пъланы мадзæттæ æххæст кæныны хъуыддагмæ. Лæмбынæгдæрæй та - курорты фæзуаты æмæ инженерон инфраструктурæйы проектты пъланыл, стæй донуадзæн æмæ канализацийы системæтæ. Уæдæ æрсакстысты мобилон бастдзинады фарстамæ дæр. Профилон ведомствоты разамонджытæ райстой бæлвырд нысантæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, курорт Мамысон у Цæгат Кавказы федералон зылды туристон кластеры хæйттæй иу. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Курорт «Мамысон» ы дарддæры райрæзтыл æрныхас кодтой ведомствæты хсæн арæзт кусгæ къорды уæнгтæ
Категория:
Новости и СМИ