Дзæуджыхъæуы политехникон техникумы футболы командæ архайдзæн студентты национ футболы лигæйы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 просмотров

5 лет назад

11 азы размæ Уæрæсейы футболы цæдис снысан кодта студентты национ лигæ. Ерысы архайджты 'хсæн бæстæйы уæлдæр ахуыргæнæндæттæ. Турниры ног сезон уыдзæн цымыдисаг. Фыццаг хатт дзы архайдзысты техникумтæ дæр. Дзæуджыхъæуы хæххон-аграрон техникумы командæйыл цæуы афæдз. Ныридæгæн спортсментæ сæхи æнтыстджынæй равдыстой бирæ ерысты. Ныртæккæ дæр сæхи бæстонæй цæттæ кæнынц. Сæйраг тренеры æнкъарæнтæм гæсгæ ис бамбарæн, алы тренировкæ дæр ахсджиаг кæй у. Дзæуджыхъæуы политехникон техникумы командæ рахызт ног æмвæзадмæ. Ам, студентты национ лигæйы уæлдæр дивизионы лæмæгътæ нæй. Цæмæй бæрзонд къæпхæнмæ схизой, уый тыххæй сæ хъарутæ не 'вгъау кæнынц. Фæсивæды спортивон гæнæнтæ раргом кæнынæн ам ис æппæт уавæртæ дæр. Уæдæ, хиуыл кусгæйæ та, уæлæмхасæн къордæй фадат ис сæйраг къордмæ рахизын. Йæ тыхтæ не 'вгъау кæны Калоты Ацæмæз дæр. Командæйыл нырма афæдз цæуы, фæлæ ныридæгæн спортсменты къухы чысыл æнтыстдзинæдтæ нæ бафтыд. Ссисты раззагдæртæ алыхуызон ерысты, зæгъæм Леонид Сабины номыл кубокы. Стæй республикон æмæ студентты 'хсæн чемпионатты. Студентты национ лигæйы архайынц æрмæст уæлдæр ахуыргæнæндæтты командæтæ. Хæххон политехникон техникумы командæ ссисты фыццæгтæ астæуккаг ахуырады уагдæттæй дзы чи бацархайдта, уыдонæй. Футболисттæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй командæйы ном хъахъхъæнын у егъау хæс. Æмæ кæд нырма ацы спорты дæргъвæтин рæстæг нæ архайынц, уæддæр сæ арæхстдзинад æмæ гæнæнтыл нæ гуырысхо кæнынц. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv