Джабраил Габибов республикæйы прокуратурæйы кусы 37 азæй фылдæр
Йæ профессионалон бæрæгбоны фæдыл арфæтæ исы Джабраил Габибов. Нæ дарддæры æрмæджы хъайтар ацы дæсныйадæн снывонд кодта 30 азы. Разамынд дæтты граждайнаг æмæ арбитражон процессты хайадæн. Йæ куысты сæйрагдæрыл нымайы рæстдзинад. Йæ фæлтæрддзинад не 'вгъау кæны æрыгон специалисттæн. Джабраил Габибов йæ бинонты арæхдæр уыны къаммæ æркæсгæйæ. Куысты бафæстиат вæййы дыууадæс сахатæй фылдæр. Йæ равзæрст дæсныйад домы фидархъуыдыйыл хæст уæвын. Фыдракæндтимæ тохы раззагдæрты æмрæнхъ æрлæууын. Ахæмтæ сты прокуроры кусгæ бонтæ — ныр 37 азæй фылдæр. Фыдбылызы бынатмæ фыццаг хатт куыд атагъд кодта, уый Джабраил Габибов ныр дæр хорз хъуыды кæны. Джабраил Габибов йæ равзæрст дæсныйадыл никуы фæфæсмон кодта. Арæх рæстдзинад базонынæн къухы бафты æрмæст прокуратурæйы руаджы. Уыцы бæрнондзинад хынцгæйæ, Джабраил Габибов алы цау дæр йæ зæрдæмæ хæстæг райсы. Йæ уынаффæимæ баст вæййы адæймаджы хъысмæт. Хатгай та бахъæуы егъау фарстатæ райхалын. Зæгъæм, йæ куысты фæрцы Дзæуджыхъæуы генералон пълан банымадтой мæнгыл. Афтæмæй федералон исбонадмæ раздæхт хъæды фонды 13 гектарæй фылдæр. Джабраил Габибовы лæмбынæг æркастмæ æнхъæлмæ кæсынц дæсгай хъуыддæгтæ. Йæ фарсмæ та кæддæриддæр раззагдæр æмкусджытæ. Уыдонæй алкæмæн дæр цæттæ у йæ зонындзинæдтæй фæхай кæнын. Алы хъуыддаг дæр кæронмæ бакæнын. Ахæм у прокуроры сæйраг нысан. Куыд зæгъы, афтæмæй, цæмæй рæстдзинад фæуæлахиз уа, уый тыххæй æвæсмонæй рахай кæны тыхтæ æмæ рæстæг дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv