Студенттæн радзырдтой дæрдзæфмæ хуызы цæстфæлдахæн митæй хи бахизыны тыххæй
Дæрдзæфмæ хуызы сайд æмæ интернеты бастдзинады фæрцы цæстфæлдахæн миты тыххæй ма иу хатт радзурын. Ахæм хæс сæ размæ сæвæрдтой Дзæуджыхъæуы барадхъахъхъæнджытæ æмæ Æхсæнадон советы уæнгтæ. Уый фæдыл сарæзтой æмбырд фæсивæдимæ. Ацы хатт ныхас кодтой Финансон университеты ахуырадзаутимæ. Пъæлицæйæгтæ куыд зæгъынц, афтæмæй ныртæккæ уæлдай ахсджиаг у закъонхалджыты митæй адæмы бахъахъхъæнын. Сæ гæды-ныхæстыл баууӕндгӕйӕ сайды чи бацæуы, уыдоны нымæц бонæй-бон фылдæр кæны. Цы хуызы æрцæуынц дистанцион закъонхæлдтытæ, уыдоны тыххæй радзырдтой бæрнон кусджытæ æрыгæттæн. Уыдон та бацæттæ кодтой равдыстытæ парахатгонд схемæты тыххæй. Сæ иу хуыйны - «фишинг» - сайынмæ кæй хъавынц, уыцы адæймаг интернеты тыгъдадмæ ссылкæйы фӕрцы куы бахизы æмæ уым йæ логин æмæ пароль куы бафыссы, уæд. Афтæмæй йын цæтфæлдахджытæ йæ бӕрӕггӕнӕнтӕ иууылдæр базонынц. Ӕмбырды кæронбæттæны архайджытæн байуæрстой зæрдылдарæн информацион сыфтæ. Уым дæр цæстфæлдахæн миты тыххæй бæлвырдæй фыст ис. Иу хъуыдымæ æрцыдысты – ахæм хуызы ныхас цæрджытимæ пайда у, æмæ сæ арæхдæр кæнын хъæуы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Студенттæн радзырдтой дæрдзæфмæ хуызы цæстфæлдахæн митæй хи бахизыны тыххæй
Категория:
Новости и СМИ