Дзæуджыхъæ уы байгом бынæттон амалиуæгты хойрæгтимæ дукани
«Равзар Дæхицæн». Ахæм равдыст байгом Дзæуджыхъæуы. Дуканийы тæрхæджытыл ис фенæн æхсыр, къæдор, цыхт, дзидза, кæрдзын, алыхуызон дæттæ æмæ бирæ æндæр хойрæгтæ. Зæрдæмæдзæугæ хойраг балхæнæн дæр уыдзæн. Сæйрагдæр та уый у, æмæ æппæт ацы продукци цæттæ кæнынц бынæттон амалиуæгты куыстуæтты. Сæрмагонд хойрæгтæй саходынæн, сæ ад æмæ хæрзхъæддзинад сбæрæг кæнынæн та дуканийы ис хицæн бынат. Афтæмæй амалиуæгтæ сæ хъус дардзысты æлхæнджыты фиппаинæгтæм, кæнæ та, чи зоны, — фаутæм. Дукани байгом кæныныл бацархайдта националон проект «Сделано в Алании». Кусдзæн æрвылбон дæр, Магкæты Зурабы номыл уынджы, 2-æм хæдзары. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv