Сочийы национ парчы азиаг фыранчы дзæбæхгæнæн центры 5 сырды фæлварæнтæ æххæстæй радтой
Сочийы национ парчы азиаг фыранчы дзæбæхгæнæн центры 5 сырды фæлварæнтæ æххæстæй радтой. 2 азы сæ бæстонæй ахуыр кодтой сæрмагонд специалисттæ. Рауадзыны размæ сыл бакодтой спутникон хъуырбæттæн. Уый фæрцы ахуыргæндтæн сæ бон уыдзæн сæ цæст дарын, цы уавæрты цæрынц, уымæ. Центры хъомылгæнинæгты, гæнæн ис, æмæ ауадзой Цæгат Ирыстоны дæр. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ Азиаг фыранчытæ Эльбрус æмæ Волна Цæгат Ирыстоны национ парк «Алани»-йы ауагътой 2018 азы, июлы. Леопард Эльбрус фесæфт декабры, Хуссар Ирыстоны хæхты. Волна йæхи хорз æнкъары Дыгургомы, цуан кæны Кæсæг-Балхъары дæр. Арæхдæр сычъитыл, хъæддæг куыдзтыл æмæ хъæды æндæр сырдтыл. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Сочийы национ парчы азиаг фыранчы дзæбæхгæнæн центры 5 сырды фæлварæнтæ æххæстæй радтой
Категория:
Новости и СМИ