Цæгат Ирыстоны иуварс кæнын цæрдзон фыдбылызы фæстиуджытæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

5 лет назад

Тыхджын къæвдайы фæстиуджытæ аиуварс кодтой Цæгат Ирыстоны ирвæзынгæнæн службæйы кусджытæ. Дымгæйы аххосæй Дзæуджыхъæуы Ватутины, Щорсы, Леваневскийы номыл уынгты бæлæстæ афæлдæхтысты. Хуыцау хорз, æмæ адæмæй никæй бахъыгдæрдта. Уыцы-иу рæстæг алы рæтты ныккалдта къæвда. Уый аххосæй Дзæуджыхъæуы уынгтæ цæугæдæттæ фестадысты. Хæдтулгæты шофырты бахъуыд æдас бынæттæ агурын уæллоз рæтты æмæ бæлæсты бын. Тыхджын дымгæ æнæ электрон тыхæй ныууагъта Кировы æмæ Мæздæджы районы хъæутæ дæр. Уæдæ Æрæфы районы Быдыры Дæргъæвс дæр æрдзон фыдбылызы фæстиуджытæ æххæстæй банкъардта. Хъыгдард дзы баййæфтой 21 хæдзары. Дымгæ ныппырх кодта бæстыхæйтты сæртæ, электрон тых æмæ газы хæтæлтæ атыдтой æрдзон фыдбылызы аххосæй. Егъау бæлæстæй та, адæмы ныхæстæм гæсгæ, тыхдымгæ хъазæнхъултæ сарæзта. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстоны иуварс кæнын цæрдзон фыдбылызы фæстиуджытæ

Категория:

Новости и СМИ