Æрæфы районы скъолатæ æмæ культурæйы артдзæстытæ сæхи цæттæ кæнынц фестиваль «Амыраны рухс» мæ
11-æм мартъийы Цæгат Ирыстоны райдайдзæн фæсивæдон театрты юбилеон фестиваль «Амыраны рухс». Ныр арæзт æрцæудзæн фæндзæм хатт. Йæ аразджытæ - Республикæйы фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитет æмæ фæсивæдон театр «Амыран». Сæйрагдæр хæс - æвзонг артистты базонгӕ кӕнын театралон традицитæ æмæ ирон драматургиимæ. Юбилеон фестивалы бацархайдзысты минæвæрттæ Хуссар Ирыстонæй дæр. Жюрийы уæнгтæ хатдзæгтæ скæндзысты сæрмагонд номинацитæм гæсгæ. Расыггæнаг, фæлæ цыргъзонд æмæ хин лæг Умархан ссардта æхцатæ. Зоны, йæ ус Мызылон æдылыдзæф æмæ дзæгъæлдзых у, уый. Куы йæ схъæр кæна, уымæй фæтарсти, æмæ мæнг ныхæсты фæрцы фервæзын кодта йæхи пъырыстыфы дзæмбытæй. Советское хъæуы цы скъола æмæ культурæйы хæдзар ис, уым цæттæ кæнынц Кочысаты Розæйы пьесæ «Гæды лæг, кæнæ нæ пъырыстыф сæрра». Драмон къордтæн сæ алы равдыст дæр адæймаджы ахоны рагзамантæм. Уымæй уæлдай архайдзысты æндæр номинациты. Адæмы рæгъмæ рахæсдзысты Барахъты Гино æмæ Брытъиаты Елбыздыхъойы сфæлдыстад дæр. Фестивалы архайынц 4-æм хатт. Ацы аз дæр хъæуæй уыдзæн 11 архайæджы.-ы бацархайдзысты Сечеры культурæйы хæдзары хъомылгæнинæгтæ дæр. Цæттæ кæнынц аргъау «Репкæ». Ацы аз архайджытæ æдæппæтæй сты 17-æй. Фестивалы фæархайынц йæ райдианæй нырмæ æрвылаз. Уæдæ сæм вæййы æнтыстдзинæдтæ дæр. Аргъауæй дарддæр равдисдзысты аив дзырды дæсныйад æмæ пьесæ хæстон тематикæйыл - иуылдæр сты дыгурон диалектыл. Сæхи цæттæ кæнынц иттæг æхсызгонæй. Ирон литературæ æмæ драматургийы, комеди, юмор æмæ сатирæйы фæлгæты ирд фæлгонцтæ æргом кæныныл архайынц Цыколайы культурæйы галуаны драмон къордтæ дæр. Семæ кусынц Пъинты Фатимæ æмæ Аркъауты Джульеттæ. Сæйрагдæр сты 2-æм æмæ 3-æм скъолаты ахуыргæнинæгтæ. Сæ равдыстытæ баст сты ирон адæмон сфæлдыстадимæ æмæ Нарты кадджытимæ. Æрæфы район «Амыраны рухс»-ы фарон йæхи равдыстой уæлдай æвзыгъддæрæй. Фыццаг бынæттæ сæм æрхауд æппæтæй фылдæр. Сæ аивадон разамонæджы ныхæстæм гæсгæ, уыцы уæлахизæн уæлдай сусæгдзинæдтæ нæй. Æрмæст æгæронæй хъæуы уарзын сывæллæты дæр æмæ театр дæр. Æвзарæн къæпхæн райдайдзæн 11-æм мартъийы. Цæгат Ирыстоны районты æппæт скъолатæ æмæ культурæйы артдзæстыты архайджытæ та ног сæ арæхстдзинад равдисдзысты. Иуылдæр уыдзысты æрмæст ирон æвзагыл. Жюрийы хатдзæгты фæстæ уæлахиздзаутæ сæ курдиат адæмы размæ рахæсдзысты, Дзæужыхъæуы цы гала-концерт арæзт æрцæудзæн, уым. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æрæфы районы скъолатæ æмæ культурæйы артдзæстытæ сæхи цæттæ кæнынц фестиваль «Амыраны рухс» мæ
Категория:
Новости и СМИ