Хуыгаты Мæдинæ Цæгат Ирыстоны хуыздæр дохтыр педиатр
Алы пациентты ном дæр зоны, стæй йын йæ низы ахаст дæр хъуыды кæны. Афтæ зæгъæн ис, нæ дарддæры æрмæджы хъайтар, Хуыгаты Мæдинæйы тыххæй. 20 азæй фылдæр кусы дохтыр-педиатрæй. Медицинон фæндаг йæхицæн кæй равзæрста, ууыл никуы фæфæсмон кодта Мæдинæйы фæлтæрддзинадæн стыр аргъ скодтой «Цæгат Ирыстоны хуыздæр дохтыр»-ы æркасты. Банымадтой йæ хуыздæрыл. Дыууын азы иу хайады иу дæсныйады. Зæрдæхæлар специалисты къухты рацыд сæдæгай чысыл пациенты. Дисаг та куыд нæу, фæлæ Хуыгаты Мæдинæ сабиты хъуыды кæны номгай, уæдæ сын сæ низы тыххæй дæр алы фиппайнаг дæр зоны. Мæдинæ йæ дæсныйад равзæрста сывæллон ма куы уыд, уæд. Цы йæ сразæнгард кодта, уый нал хъуыды кæны. Фæлæ дохтыр къорд азмæ иу хатт дæр нæ фæфæсмон кодта, йæ цард медицинæимæ кæй сбаста, ууыл. 8 къласы фæстæ бацыд медицинон колледжмæ. Фæстæдæр та каст фæцис медицинон институт. 2001-æм азы кусын райдыдта Дзæуджыхъæуы сывæллæтты дыккæгæм поликлиникæйы. Мæдинæ сывæллæттимæ куыд архайы, уымæ æнæ мидбылхудт кæсæн нæй. Уыдон ын зæрдиагæй радзурынц æмдзæвгæтæ. Сывæллæтты рæвдауæны сæ хъæлдзæг цаутæ дæр ын нæ басусæг кæнынц. Мæдинæ йæ хъæддыхæй зоны - сабийы асайын кæй нæй. Уайтагъдæр дæ базондзæн. Сæ æнкъарæнтæ сты сыгъдæг æмæ æнæхин. Фæлтæрдджын дохтырмæ кæддæриддæр фæхъæуы рады лæууын. Иринæ Хижазийæн æртæ сывæллоны ис. Сæ райгуырдæй фæстæмæ сæм кæсы Хуыгаты Мæдинæ. Бирæсыввæллонджын мад куыд зæгъы, афтæмæй йæхи æнæ ацы зæрдæхæлар æмæ дæсны специалистæй уынгæ дæр нæ кæны. Мæдинæ æрмæст хостæ нæ рафысдзæн, фæлæ ма æнæмæнг телефонæй дæр æрбадзурдзæн сывæллæтты куыд сты, уæмæй бафæрсынмæ. Мæдинæйы хорзы кой йе 'мкусджытæ дæр кæнынц. Медицинон куыстуаты сæйраг дохтыр Карсанаты Лидия куыд зæгъы, афтæмæй специалист æппынæдзух кусы йæ фæлтæрдзинад фæуæлдæр кæныныл. Йе 'мкусджытæ дызæрдыг дæр нæ кодтой конкурс «Цæгат Ирыстоны хуыздæр дохтыр»-ы Мæдинæйы бацархайын кæй хъæуы, ууыл. Æрæджы сбæрæг сты конкурсы хатдзæгтæ. Уæлахиздзауты равзæрстой адæм. Йæ фæлтæрддзинад æмæ дæсныдзинады тыххæй Хуыгаты Мæдинæйы равзæрстой республикæйы хуыздæр педиатрæй. Битарты Вячеславы къухæй уæлахиздзау раста сæйраг лæвар - æртæуатон фатеры дæгъæлтæ. Уазиты Зæлинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуыгаты Мæдинæ Цæгат Ирыстоны хуыздæр дохтыр педиатр
Категория:
Новости и СМИ