Цæгат Ирыстонæй рацæуæг лейтенант Мария Мирошниченко хорзæхджынгонд æрцыд «За отвагу» майданæй
Цæгат Ирыстонæй рацæуæг лейтенант Мария Мирошниченко хорзæхджынгонд æрцыд «Æхсардзинады майдан»-æй. Уæрæсейы хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу паддзахадон хæрзиуджытæй схорзæхджын кодта Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы цы æфсæддонтæ фесгуыхт, уыдоны. Бабæрæг сæ кодта æфсæддон гопиталы. Æрыдоны фыццæгæм скъолайы рауагъдон, Фæстæдæр Паддзахадон медицинон академийы студенткæ, Кантемировы дивизийы хирургон хайады лейтенант-ординатор сæрмагонд операцийы архайы фыццаг бонтæй фæстæмæ. Йæхæдæг цæф, афтæмæй мæлæтæй аирвæзын кодта фелсыры. Ныыртæккæ Мария Мирошниченко хи дзæбæх кæны госпиталы. Сергей Шойгу æфсæддонты схорзæхджын кодта Уæрæсейы хъæбатыры стъалыйæ, хъбатырдзинады орден æмæ 10 майданы «За отвагу»-йæ. Раздæр сæрмагонд указ бафыста президент Владимир Путин. ________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv