Санкт-Петербургы форумы архайджытæ бабæрæг кодтой Беслæны трагедийы амæттæгты номыл мемориал
Санкт-Петербургы райдыдта æппæтдунеон экономикон форум. Йæ архайджыты 'хсæн - Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ дæр. Делегацийы сæргъы регионы разамонæг- Сергей Меняйло. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий æмæ Петербургы экономикон форумы делегаттимæ бабæрæг кодта Беслæны трагедийы амæттæгты номыл мемориал. Цыртдзæвæныл сæвæрдтой дидинджытæ. Мысæн мадзалы архайджытæ иу минут æдзæмæй алæууыдысты. Уый фæстæ сæрмагонд æмбырды æрдзырдтой, социалон ахадындзинад кæмæн ис, ахæм ахсджиаг фарстатыл. Цыртдзæвæн «Детям Беслана», зæгъгæ, Петербургы Мадымайрæмы аргъуаны байгом 2007 азы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, республикæйы разамынд Петербургы ис кусæг балцы æппæтадæмон экономикон форумы фæлгæты. Форум ахæсдзæн 5 июны онг. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Санкт-Петербургы форумы архайджытæ бабæрæг кодтой Беслæны трагедийы амæттæгты номыл мемориал
Категория:
Новости и СМИ