Сергей Меняйло бабар кодта трамвайты депо Дзæуджыхъæуы администрацийы исбонадмæ бахæссын

2 тыс. подписчиков

12+
12+

11 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

11 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

11 просмотров

5 лет назад

Дзæуджыхъæуы трамвайты депо нымад у культурон нысаниуæг кæмæн ис ахæм объектыл. Фыццаг трамвай рельсытыл куы рацыд уæдæй нырмæ дзы цалцæггæнæн куыстытæ конд нæ уыд. Бæстыхайы агуыридуртæ пырх кæнынц, къултæ афаз сты. Объектмæ базилын хуымæтæг хъуыддаг нæу. Ис хи къухты. Уавæрмæ æркаст не 'сфæлдыстадон къорд. 1904-æм азы, августы Теркаг облæсты административон центры - ныртæккæйы Дзæуджыхъæуы - æрцыди ахсджиаг хъуыддаг. Горæты уынгтæм рацыд фыццаг трамвай. Уæдæй нырмæ у нæ горæты цæрджыты æмæ уазджыты уарзондæр транспорт. Трамвайты депо та у, культурон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм объект. Æнусы 'рдæгæй фылдæр ацы бынатмæ фæскуыст æрæмбырд вæййынц æппæт трамвайтæ. Фæлæ уал азмæ депо бындуронæй цалцæггонд никуы уыд. Депойы уавæр хуыздæртæй нæу. Ранæй-рæтты байтыгътой лентытæ дæр, цæмæй бæстыхæйттæм хæстæг мачи цæуа. Куы сæ кирпичтæ æрхауы, куы авджы сæстытæ. Уæдæ зындзинæдтæ æййафынц кусджытæ дæр. Куысты бынæттæ æмæ мызд зынгæ фæкъаддæр сты. Раздæры 2000 кусæгæй ма ам баззад 200. 2014-æм азы 15-æм сентябрæй трамвайты ДЕПО нымад æрцыд банкротыл. Уымæ гæсгæ куыстуаты исбон паддзахадмæ нал хауы. Ныртæккæ ис амалхъом адæймаджы къухты. Куыд рабæрæг, афтæмæй йæ æлхæнгæ дæр асламæй бакодта. Æппæт лыстæгдзинæдтæ специалисттæ куы рабæрæг кодтой, уæдæй фæстæмæ бирæ азты дæргъы архайынц ДЕПО Дзæуджыхъæуы исбонадмæ раздахыныл. Ныр Сергей Меняйло профилон ведомствойæн бабар кодта фарста алыг кæнын. Депойы уавæрмæ йæ хъус дары Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав дæр. Куыд зæгъы, афтæмæй ахсджиаг у, цæмæй хъуыддаг къухы бафта. Дзæуджыхъæуы трамвайты куыстæн æххуыс кæнынц хæрзгæнджытæ, меценаттæ. 2016-æм азæй 2019-æм азмæ куыстуат «Владтрамвай»-ы кусджытæ уыдоны æххуыс æмæ æхцайы фæрæзты руаджы сцалцæг кодтой 14 вагоны. Ацы аз та æлхæд æрцæудзысты ног вагонтæ. Æмæ уал цалынмæ бæрнон кусджытæ документтæ æмбырд кæныныл архайынц, уæдмæ та горæты цæрджытæ æнхъæлмæ кæсынц, уавæр кæд аивдзæн, уымæ. Æмæ канд хуымæтæг адæм нæ, фæлæ ма, куыстуаты дæсгай азты чи фæллой кæны, уыдон дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv