Рапс æмæ сойæ хъæдуры мыггаджы куыст чи кæны, уыдон райсдзысты паддзахадон æххуыс
Рапс æмæ сойæ-хъæдуры мыггаджы куыст чи кæны, уыдон райсдзысты паддзахадон æххуыс. Амалхъом адæмæн рахай кæндзысты 14,5 млн сомы. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы хъæууон хæдзарады æмæ хойраджы министр Уазиты Хъазыбег. Йæ ныхæстæм гæсгæ, «Программæ «Экспорт продукции АПК»-мæ бахæссын хъæуы ног сæйраг мадзал - «Зетихæццæ культурæты куыстгæнджытæн паддзахадон æххуыс» -ы уагæвæрд. Хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз куыд зæгъы, афтæмæй хъæууонхæдзарадон кондады диверсификацийæн хъæуы æппæт мадзæлттæ дæр саразын. Хицæн монокультурæты кондады гуырахст фæфылдæр. Уый руаджы уæлдæр кæнынц нæ хъæууон хæдзарады къабазы индекстæ», фæнысан кодта премьер-министр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Рапс æмæ сойæ хъæдуры мыггаджы куыст чи кæны, уыдон райсдзысты паддзахадон æххуыс
Категория:
Новости и СМИ