Тæбæхсæуты Балойы номыл паддзахадон ирон академикон театры цæттæ кæнынц ног спектакль

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 просмотров

5 лет назад

Ирон театр цæттæ кæны ног спектакль, Дзантиаты Анатолийы драмæ Анахарсисмæ гæсгæ. Уацмыс фыст æрцыд фынддæс азы размæ уырыссаг æвзагыл, ирон æвзагмæ йæ ратæлмац кодта Джыккайты Шамил, кæронмæ та йыл бакуыста Хъодзаты Æхсар. Спектаклы режиссер Цæриаты Валерийы хъуыдымæ гæсгæ, ирон театр хъуамæ куса ирон драматургийыл, адæмы размæ хæсса ирон авторты фыст пьесæтæ. Уымæ гæсгæ йæ рагæй фæндыдис ацы драмæ сæвæрын ирон театры сценæйыл, фæлæ цавæрдæр аххосæгтæм гæсгæ йæ къухы не`фтыд. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй, раздæр историон цаутыл дзурæн нæ уыд. Ныр та æхæм спектаклтæ сты хъæугæ, цымыдисаг æмæ актуалон. Спектаклы архайы куыд дæсны, афтæ æрыгон актертæ дæр. Æххæст сты алцæмæйдæр. Уымæ гæсгæ сæ ныфс ис, ахæм уацмысты цы арф философон хъуыды æвæрд æрцыд, уый театрдзаутæм фæххæццæ кæнын сæ бон кæй бауыдзæн. ________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Тæбæхсæуты Балойы номыл паддзахадон ирон академикон театры цæттæ кæнынц ног спектакль

Категория:

Новости и СМИ