Ног ахуыры азы райдианмæ пенсион фонд исын райдыдта курдиæттæ фиддонтæ райсыны фæдыл
Пенсион фонды регионалон хайады исын райдыдтой курдиæттæ ног ахуыры азмæ фиддонтæ райсыны фæдыл. Президенты бадзырдмæ гæсгæ фиддоны нымæц у 10 мин сомы, райсæн æй уыдзæн æрмæст иу-хатт скъоладзаутæ цы бинонты ис, уыдонæн. Æхцайы фæрæзтæ райсынæн курдиат ныууадзæн ис æхсæзаздзыдæй йæ сывæллон скъоламæ ацы аз кæмæн бацыд, уыдонæн дæр. Уый тыххæй Владимир Путин фæнысан кодта йæ ныстуаны Федералон æмбырдмæ. Паддзахадон æххуыс райсæн уыдзæн августы астæумæ, цæмæй ма сывæллоны скъоламæ сæмбырд кæнынæн рæстæг уа. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv