«Мосты дружбы», зæгъгæ, концерт фæндзæм хатт ацыд Дзæуджыхъæуы
«Мосты дружбы», зæгъгæ, концерт фæндзæм хатт ацыд Дзæуджыхъæуы. Ацы аз онлайн хуызы. Проект æрæмбырд кæны артистты æмæ музыкантты æгас Цæгат Кавказæй. Мадзал аразджыты ныхæстæм гæсгæ, проект стыр гæнæнтæ дæтты сфæлдыстадон æмæ культурон бастдзинадæн. Цæгат Ирыстон бабæрæг кодта зындгонд зарæггæнæг Цæцæны республикæйæ Фатима Ахтаева. Концерты архайдтой артисттæ Дагестанæй, Пермæй æмæ æндæр горæттæй. Мадзал аразджытæ - республикон хæлардзинады хæдзар, рухстауæн фонд «Рука помощи», театралон архайджыты цæдис æмæ Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийы культурæйы хайад. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Мосты дружбы», зæгъгæ, концерт фæндзæм хатт ацыд Дзæуджыхъæуы
Категория:
Новости и СМИ